Марко Михкельсон - Путин нæу  сабырады фарсхæцæг президент, уый  хæсты  президент  у
Марко Михкельсон - Путин нæу сабырады фарсхæцæг президент, уый хæсты президент у

Путин нæу  сабырады фарсхæцæг президент, уый  хæсты  президент  у –  украинаг рауагъдад  «Украинкая правда»-ы  хъусинагæй, уый фæдыл  НАТО-йы  парламентон ассамблейы   Эстонийы  делегацийы  къухдаруæггæнæг  Марко  Михкельсон КИевы  æдасдзинады  форумыл  дзырдæй ралæуды рæстæджы райхъусын кодта.

«Путин нæу  сабырады фарсхæцæг  президент, уый  хæсты  президент у. Æрымысæм  йæ  президентæй  уæвыны фыццаг азтæ, уæд уыдис хæст Цæцæны, Гуырдзыстоны, Украинæйы, Сирий æмæ  æндæр рæтты,  кæцыты фæдыл мах зонгæ дæр нæ кæнæм æмæ уым цы ран хицæн компани «вагнер»  архайы» –   райхъусын кодта Марко Михкельсон.

Эстойнаг  депутат хъуыды кæны, цæмæй  зæгъгæ  къаддæр  гæнæн  ис  диалогы фæндагæй  Уæрæсейы  агресси  бауромын, уымæн æмæ Уæрæсемæ рæмæстдæр æфсæддон тыхы æвзаг бахъары.

«Мæ хъуыдымæ  гæсгæ, тунæг  æвзаг ,  кæцыйы  уырыссæгтæ  æмбарынц, у  уромыны политикъæ, æфсæддон сферæйы,  политикъон инструменттæй,  цахæм дæр сты  санкцитæ.  Мæнмæ гæсгæ нырма  алы  гæнæн   инструментæй  не спайда кодтам. Уæрæсе  хъуамæ  бамбара, цæмæй  алы «сырх хаххыл»  ахызтис» – райхъусын кодта  Марко Михкельсон.