Маркета Грегорова – ныууадзут ацы æррадзинад, ныууадзут «фæсарæйнаг агентты» закъон исын, æмдзæгъд кæнын ацы сахъхъ адæмæн
Европарламенты уæнг чехаг депутат Маркета Грегорова Тбилисы, парламенты бæстыхайы цур айтынггонд фæзынты фæдыл фыссы социалон хызаг «Твиттеры».
«Бирæ æфхæрæн дзырдтæ уыд ме рдæм «Картули Оцнебайы» минæвæрттæй мæ партийы популярондзинады тыххæй, кæцыйæн 40% нæй. Раттут мын бар зæгъон уын Ираклий Гъарибашвило, мах никуы спайда кодтам доны сыгæй нæ æмбæстæгты ныхмæ. Бауромут ацы æнæзонд митæ, бауромут «фæсарæйнаг агентты» закъоны исын. Мæ аплодисменттæ ацы сахъхъ адæмæн», – фыссы Европарламентари Маркета Грегорова æмæ публикаци кæны видео, цы ран зыны, куыд архайынц доны сыгæй парламенты цур æрымбырдуæвæг демонстрантты ныхмæ.