Марк Цукерберг сенаты комитетты раз ралæудзæн
Иуæй иу ставд социалон хызы бындурæвæрæг æмæ æххæстгæнæг директор Марк Цуккерберг абон сенаты юридион æмæ базарадон комитетты раз ралæудзæн. Цукерберг бритайнаг аналитикон компани «Кембридж аналитикайы» куысты фæдыл конгресменты фарстатыл хъуамæ ратта дзуапп.
Аххосагмæ гæсгæ, «Фейсбук» ацы компанийæн 87 милуан пайдагæнæгы сæрмагонд æрбадæттæгтæм баххæссыны фадат радта.
Сом 11-æм апрелы Марк Цукерберг бæрнонты палатайы энергетикæ æмæ базарады комитетты раз дæр ралæузæн.
Бритайнаг компанийы алыварс скандал уый фæстæ рахæлиу, зындгонд кæй сиис, цæмæй йæ фæрцы Дональ Трампы æвзарæнон штаб пайда кодта.