Марина  Кальюранд – Хицаугæнæг парти æмæ  оппозицийæ курæг дæн, ссарæнт  дыууæдæр фарсæн  райсинаг скуыддзаг, гурдзиаг адæм  рæстаг  æвзæрстыты  аккаг сты
Марина Кальюранд – Хицаугæнæг парти æмæ оппозицийæ курæг дæн, ссарæнт дыууæдæр фарсæн райсинаг скуыддзаг, гурдзиаг адæм рæстаг æвзæрстыты аккаг сты

Гуырдзыстоны  хицаугæнæг  партийы  æмæ   оппозицийы рдæм не æрвитæггаг  у ахæм –  курæг уæ  стæм,   кæрæдзиимæ æрныхас кæнут, хъуыддаг æххæссы  уæ партитæм нæ фæлæ,  уæ  адæмы  фидæнмæ, –  уый  фæдыл  европарламентар, Марина  Кальюранд  райхъусын кодта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,  зæгъгæ  лæмбынæг  йæ   хъус дары  Гуырдзыстоны  райрæзт æмæ евроинтеграцийы  процессмæ.

«Æз дæн Эстонийы   раздæры фæсарæн хъуыддæгты министр, Эстонийы   раздæры  минæвар  æхсæз  бæстæмæ.  Гуырдзыстон мæ   зæрдæмæ  тынг  хæстæг  лæууы,  кæцы  уый  амонæг  у,  цæмæй  Гуырдзыстон райрæзтмæ,  европаг интеграцимæ  лæмбынæг мæ хъус  дарын. Уый тыххæй  хъуыды  кæнын,  цæмæй  хуыздæр æмбарын   куыд  позитивон  фæзындтæ – афтæ   быцæусидтытæ, уымæн æмæ  мæ   бæстæ дæр раст ахæм  фæндагыл уыд,  цалынмæ Евроцæдисы  уæнг  суаиккам  уæдмæ.  Абон мæ бæстæ  у  æнтыстджын, йæ бон кæй  у  спайда кæнын,   алы  уыцы  фарнæй,   кæцы йæм æфты  Евроцæдисы  уæнгадæй.  Фæстаг  периоды айтынггонд  фæзындтæм  куы æркæсæм,  уæд, кæй  зæгъын æй хъæуы,   ис  бæрæг   ныфссаст. Сарызтон  куырдиат,  Гуырдзыстоны  æвзарæнон  ивддзинæтты  райст  куы  фæкъуыхцы ис,  уый фæстæ.  Уый нæ  уыд  европарламенты  ныфссастдзинад, уый уыд  уæ  адæмы тыххæй  ныфссаст. Ацы  этапыл  нырма   хæлар ахаст дарæм  æмæ   курæг стæм,  хицаугæнæг   парти æмæ  оппоицийæ,  ссарæнт  дыууæдæр фарсæн   райсинаг  скуыддзаг,  уымæн æмæ гурдзиаг адæм  сты  рæстаг  æвзæрстыты  аккаг. 2020 азы  æвзæрстытæ  гуырдзиаг  адæмæн уыдзæн скуыддзаггæнæг,  уымæй  фæбæрæг уыдзæн уæ  фидæн,  уæ  реформæтæ, интеграци.   Растдæр уый  тыххæй,   куыд  хицаугæнæг  партийы, афтæ оппозицийы æрдæм мæ сидт  у ахæм –  баиу  ут, кæрæдзиимæ æрныхас  кæнут, ныр  хъуыддаг æххæссы   уæ  партитæм нæ фæлæ,  уæ  адæмы  фидæнмæ», –  райхъусын кодта   Европарламент.