Гуырдзыстоны экономикæ æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министр, Мариам Квривишвили, Арменимæ визитæй афæндараст ис.
Экономикæ æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министрады информацимæ гæсгæ, визиты фæлгæтты, Мариам Квривишвили фембæлдтытæ ауадздзæн Сомихы хицауады сæрдары хæдивæг Тигран Хачатрянимæ, афтæ дæр экономикæйы министр Геворг Папоянимæ æмæ республикæйы территорион администраци æмæ инфраструктурæйы министр Давид Худатианимæ.
«Фарсытæ æруынаффæ кæндзысты Гуырдзыстон æмæ Сомихы æхсæн базарадон æмæ экономикон бастдзинæдты дарддæры размæцыды фарстатыл.
Гуырдзыстоны делегацийы сконды сты экономика æмæ æнæфæцудгæ размæцыды министрты хæдивджытæ, Тамар Иоселиани æмæ Генади Арвеладзе. Ереваны плангонд фембæлдтыты хайад райсдзæн Гуырдзыстоны минæвар Сомихы Гиорги Шарвашидзе дæр» – ис фыст министрады информацийы.