Мариам Квривишвили раарфæ кодта æмбæстагон авиацийы фадыджы кусæг специалисттæн сæ профессионалон бон
Экономикæ æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министр Мариам Квривишвили æмбæстагон авиацийы фадыджы кусæг специалисттæн æппæтдунеон æмбæстагон авиацийы бон раарфæ кодта.
«Æмбæстагон авиаци нысаниуæгджын хайбавæрд хæссы Гуырдзыстоны туризмы æмæ экономикæйы фæтыхджындæр кæнынмæ.Хицауады раст æмæ эффективон политикæйæ, секторы кусджыты иумæйаг куыст æмæ бæрзонд профессионализмæй, нæ къухы бафтыд æнæпрецедентон рæзты динамикæ æмбæстагон авиацийы секторы, кæцы афæдзæй-афæдзмæ æнæрлæугæйæ хуыздæр кæны.Активон куысты фæстиуæгæн, Гуырдзыстоны базармæ бафтыд ног авиакомпанитæ æмæ нысаниуæгджын бынæттæ алы аз дæр.
Уыимæ иумæ, бæлццæтты змæлды, туристты æрбацыд æмæ уæлдæфон уæзты змæлды рæзты тыххæй ныры динамикæ æмæ прогнозон бæрæггæнæнтæ хынцгæйæ, цæуы куыст бæстæйы авиацион инфраструктурæйы системон рæзтыл. Диссаджы фæстиуæгты фæстæ ис æмбæстагон авиацийы секторы кусæг профессионалты æгæрон фыдæбон æмæ тыхархайд. Фæнды мæ бузныг зæгъын алы æмæ алы специалистæн дæр, кæцытæ кусынц секторы, фæнды паддзахадон уагдоны, фæнды авиакомпанийы. Уырны мæ, цæмæй иумæйаг тыхархайдæй фидæны ноджы стырдæр æнтыстдзинæдтæ бафтдзæн», – ис фыст экономикæ æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министр арфæйы фыстæгы.