Мариам Квривишвили – Паддзахад активон политикæйы фæрцы æххуыс кæны инновациты æмæ бæрзондтехнологон здæхтыты рæзтæн
Экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министр, Мариам Квривишвилийы ныхасмæ гæсгæ, паддзахад йæ политикæйы фæрцы активонæй æххуыс кæны инновациты æмæ бæрзондтехнологон здæхтыты рæзтæн. Уый фæдыл экономикæйы министр Тбилисы финансон саммитыл ныхасы рæстæджы фæныхас кодта, кæцы Тбилисы æфсæнвæндаджы форумы фæлгæтты фыццаг хатт уагъд æрцыд.
Ацы аз 5-æм форуммæ æрбацæуынц 2300 делегатæй фылдæр дунейы 73 бæстæйæ.
Мариам Квривишвили йæ раныхасы Гуырдызстоны банкъон секторы æнтыстдзинадыл, йæ æмбæлон рæзт æмæ ацы процессы паддзахады активон фарсылхæцындзинад, афтæ дæр инновациты æмæ бæрзондтехнологон здæхтыты нысаниуæгыл банысан кодта. Йæ ныхасмæ гæсгæ, сæрмагонд банысан кæныны аккаг у 500 Гуырдзыстоны венчурон фонд, кæцыйы хайад исы паддзахад дæр æмæ кæцыйы нымæц у 20 милуан АИШ-ы доллар.
Экономикæйы министр афтæ дæр банысан кодта, Кутаисы раздæры парламенты бæстыхайы технологион хаб саразыны фæдыл цæугæ проекты нысаниуæгдзинад.
«Уый уыдзæн регионы алкæмæй стырдæр технологион центр, интерактивон зонадон музей, технологион парк, искусственон интеллекты центр, TUMO-йы сфæлдыстадон технологион центр æмæ офисы фæзуæттæ, кæцытæ сæрмагондæй рахицæн сты дунеон IT компанитæн» – райхъусын кодта Мариам Квривишвили.
«Тбилисы финансон саммиты» сæйраг темæ у фидæны финансон технологитæ, регионы инновацион инфраструктурæйы размæцыд æмæ Астæуккаг къæлидор, куыд дунеон базарады æмæ нымæцон финансты сæйраг центр. Саммитыл хайад райсдзысты централон банкъты сæрдартæ æмæ финансон секторы лидертæ дунейы æндæр æмæ æндæр бæстæтæй, афтæ дæр стыр компаниты минæвæрттæ æмæ эксперттæ.