Мариам Квривишвили æмæ Мохамед Али Алабар бафыстой бадзырд иумæйаг компанийы сырæзты фæдыл
Гуырдзыстоны экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ размæцыды министр, Мариам Квривишвили æмæ «Игл Хилз»-ы бындурæвæрæг Мохамед Али Алабар бафыстой инвестицион бадзырд æмæ иумæйаг компанийы сарæзты фæдыл бадзырд, кæцыйы фæлгæтты «Игл Хилз» æнæхъæнæй 66 миллиард доллары аргъ размæцыды проекттæ сæххæст кæндзæн Гуырдызстоны æмæ Гуырдзыстоны.
Экономикæйы министрады информацимæ гæсгæ, къухфыст Тбилисы æфсæнвæндаджы форумы фæлгæтты сырæзт.
«Бадзырдмæ гæсгæ, Гуырдзыстон сбæлвырд ис куыд проектты партнер æмæ компанийы 33% хайы æмхицау.Нысаниуæгджын у, цæмæй инвестици йæ бæрцмæ гæсгæ Гуырдзыстоны историйы рекорд у», -ис фыст экономикæйы министрады фидиуæны.