Мариам Кублашвили- премьер нын  загъта, цæмй  Мачаликашвилийы  хъуыддагыл  рæстдзинад  ссардзыстæм,  æмæ мæ уырны  цæмæй Гиорги Квирикашвили йæ ныхас  сæххæст кæндзæн
Мариам Кублашвили- премьер нын загъта, цæмй Мачаликашвилийы хъуыддагыл рæстдзинад ссардзыстæм, æмæ мæ уырны цæмæй Гиорги Квирикашвили йæ ныхас сæххæст кæндзæн

Хицауады  администрацийы  уагъд фембæлдыл  Гиорги Квирикашвили   ноджы иу  хатт ракуырдта хатыр   æмæ  тæфæрфæс ракодта  Мачаликашвилиты бинонтæн æмæ  банысан кодта, цæмæй   хъуыддаг райста   сæрмагонд кантролмæ –  уый тыххæй  хицауады  администрацийы   премьер-министры  Мачаликашвилиты  бинонтимæ  фембæлды  фæстæ райхъусын кодта  сæ адвокат  Мариам Къублашвили.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,   фембæлдыл Малхаз Мачаликашвили  æрымысыд  уыцы  æхсæв,   кæцы рæстæджы дæр айтынг сты фæзындтæ.

«Фыццаджы дæр,  ныхас  райдыдта Малхаз Мачаликашвили. Уый радзырдта    уыцы вандалон æхсæвы   фæзындты  тыххæй,   кæцытæ  айтынг сты  йæ хдзары.   Алы детæлттæ   кæцыты  тыххæй  ницы дзырдтой  массон информацион фæрæзтæ. Вæццæгæн   уыдонæн ацы  информаци  рæувадат нæ уыд.  Æз  радзырдтон алы   уыцы детæлтты тыххæй,    кæцытыл арызт сты  хъуыддаджы  æрмæджыты уæвæг  хæлдтытыл. Уымæн цæмæй  æз  ацы хъуыддаджы  исын  хайад,    мæ хъуыдыйы  дарын 26  декабры æхсæв  Панкисы комы,   кæцыйы фæдагуырд  цæуы  хицæнæй.

Уыйимæ иумæ  фактонæй   фæцис, зылынгæнæг  фарсы   бæлвырдгæнæнты бацахуыры æмгъуыд,  æмæ   бæлвырдæй  банысангонд у,  цæмæй Темирлан Мачаликашвили  нæ уыд зылынджын. Уый тыххæй цæмæй   Темирлан Мачаликашвили æнаххос у,  сæрмагонд акцент  сарызта   Нино Ломджариа.  Уый  загъта  цæмæй    æнцой  дары  позицийæн   уыцы æрдгæй  æмæ Темирлан  Мачаликашвили æнаххос кæй  у.   Дыккагфарстæй  уыдысты  халындзитнæдтæ,   махæн хъуыддаджы æрмæджытæ  æнцонвадат  не  сты, афтæмæй мах нæ зонæм  хъуыддаг æххæстæй» –  райхъусын кодта  Мариам  Кублашвили.

Фарстайæн  цас фæстиуæгджын  уыд  фембæлд  хицауады  администрацийы зæгъгæ Мариам Кублашвили загъта,  цæмйæ  ацы  хъуыддагмæ  гæсгæ  рæстдзинад кæй  фæбæрæг уыдзæн   уымæй  ныфсджын у зæгъгæ.

«Æз  уырнæг дæн, цæмæй   премьер-министр  алцыппæт сараздзæн.  Ахæм у   мæхи субъективон хъуыды.  Зонын цæмæй  премьер-министр  бахъом уыдзæн   афтæ  бакæнын,  цæмæй  мах  фæфиппайæм  растæвзарындзинад.  Ахæм ныфсæвæрд ратта  æмæ мæн уырны,  зонын   кæй  бахъом  уыдзæн  уый» –  бафтыдта ма Мариам Кублашвили.