Маргус Цахкна хъусын кæны, цæмæй Эстони ноджы 14 гуырдзиаг бæрнонæн санкцитæ сфидар кодта
Эстони ноджы 14 Гуырдзыстоны бæрноныл санкцитæ снысан кодта, се æхсæн премьер-министр Ираклий Къобахидзе.
Уый фæдыл Эстонийы æттаг хъуыдтæгты министр Маргус Цахкна социалон хызагы фыссы.
«Гуырдзыстоны хицауад протесты хайадисджытæн, журналисттæн æмæ оппозицийы лидертæн цы тыхмидзинад æххæст кæны, уый у криминалон æмæ адæймаджы барты ныхмæ. Сидын Евроцæдисы алы бæстæмæ реагир кæной æмæ райсой æмбæлон мадзæлттæ», – фыссы Маргус Цахкна.
Уый размæ та Лиетувæйы æмæ Эстонийы æттаг хъуыдтæгты министртæ публикаци кодтой Гуырдзыстоны æмбæстæгты номхыгъд, кæцытæн сæ бæстæтæм бацæуыны тобæ уыд.