Мамука Мдинарадзейы куырдиатæй,  лобистон  компаниимæ контракты «Националон Змæлды» минæварæй бавдыст у  Бату Кутелиа
Мамука Мдинарадзейы куырдиатæй, лобистон компаниимæ контракты «Националон Змæлды» минæварæй бавдыст у Бату Кутелиа

«Орион Стратеджи»  æмæ «Националон Змæлды»  æхсæн 2019  азы бафыст контракты, «Нацзмæлды»  минæварæй  бавдыст у  Бату Кутелиа,  кæцыйы  регали  абон  у Гуырдзыстоны  атлантикон  советы  вице-президент,- уый фæдыл  парламентон  фылдæрты  лидер, Мамука Мдинарадзе  брифингыл  райхъусын кодта.   Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ  контракт æвæрд æрцыд   2019  азы  октябры æмæ  иуазон у.  Контрактæй  лобистон  компани «Националон Змæлдæн» хъуамæ баххуыс кæна  гуырдзиаг   демократийы  фæтыхджындæр кæныны.

«Контракт  у  æргомæй публикацигонд  Америкæйы  юстицийы  департаменты   электронон  порталыл.  Уый мидæг, цæй  зæгъын æй хъæуы,   диссаг, æнахуыр æмæ  уæлдай дæр скандалон ницы  ис, зæгъгæ нæ  уыцы  иу гоймагы ном,  кæцы  контракт  «Нацзмæлды»   минæварæй   у бавдыст. Куыд æй зонæм афтæмæй,   ацы  адæймаг  ма хъуамæ  уа   формаллонæй   «Националон Змæлды»  уæнг æмæ  хицауадон тыгъдады ма хъуамæ  архайæт гражданон, æнæхицауадон   секторы æмæ а.х.  объектон  эксперты статусæй. Ныхас  цæуы  Бату  Кутелиайы тыххæй,  кæцыйы   регали абон у  Гуырдзыстоны  атлантикон  советы  вице-президент»-  райъусын кодта Мдинарадзе.

«Кутелиайы  цау ноджы иу хатт, бæлврдгæнæны хуызæй бæрæг  кæны  уый, кæцыдæриддæр  мах    иугæндзонæй  фæзæгъæм.  «Нацзмæлд», йæ сателиттæ, кæцытæ  арæх  архайынц, æндæр æмæ æндæр партийы, медиафæрæзты кæнæ  æнæхицауадон секторы   минæвæрттау равдисой  сæхи,  системон фыдракæндæй  ахæццæ ис системон  манипуляцитæм æмæ ацы  амæлттæй  арзайынц,  цыдæр иллюзи  сæвзæрын кæнын, цæвиттон  иуы æрдгæй оппозицион парти у, иннæ рдгæй та, æндæр оппозицион партитæ, æртыккаг цауы, бирæ æнæхицауадон  секторы  минæвæрттæ,  цыппæрæм фарсæй,  медиа лæууы  цæвиттон  иу  хъуыдыйыл, æцæгæй  та, хъуыддаг нын æвдисы  цæмæй  у  иу  организаци,  æмæ уый  у  «Иууон Националон  Змæлд»,  кæцы  ахæм  гæдыдзинæдтæй  манипуляцитæ кæны»-  хъусын кæны Мамука Мдинарадзе.