Мамука Мдинарадзейы фидиуæнæй, зæгъгæ «Националон Змæлд» æвзæрстыты бон парламенты раз 12:00 сахатæй æмбырд кæндзæн æмæ змæстытæм цæттæ кæны
Цы информаци нæм æрбафтыдис уымæ гæсгæ, Тбилисы мэримæ бацыд фыстæг, кæцымæ гæсгæ, «Националон Змæлд» æвзæрстыты бон, парламенты раз 12:00 сахатæй æмбырд кæны. Бæрæг куыд у афтæмæй, æххæст ресурсты мобилизаци æвзæрстытæм нæ фæлæ, ацы æрдæм пълан кæнынц æмæ рагафонæй хъусын кæнынц бирæминон акци ауадзыны тыххæй – уый фæдыл Гуырдзыстоны парламенты сæрдары хæдивæг Мамука Мдинарадзе абоны брифингыл фехъусын кодта.
Мамука Мдинарадзе куыд дзуры афтæмæй, акцийы тыххæй рагафонæй фезхусын кæнын уый нысан кæны, цæмæй «Националон Змæлд» йæ сæрæн ницыуал зоны, бæлвырдæй æмбарынц, цæмæй демокративон æвзæрстыты исты хуызы æнтысты шанс сын нæй.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, «Нациаоналон Змæлд» æвзæрстыты бæсты акциты æмæ змæстытæм цæттæ кæны. Уый гуырдзиаг æхсæнадæн ног хабар нæу.