Мамука Мдинарадзейы аргълæвæрдæй, оппозицийы архайд фæстиуæгджын  нæ уыд
Мамука Мдинарадзейы аргълæвæрдæй, оппозицийы архайд фæстиуæгджын нæ уыд

«Æндæр гæнæн сын куы нал  уыдис æмæ  бадзырдты  фынгыл хъуамæ   æрбадтаиккой, йеуæд та раппæрстой  ацы  фальсификаци,  гæдыдзинад, монтажгонд  æмæ къуыхтæгонд  ныхæстæ  æцыдæр хабары фæдыл  æмæ  кæцæйдæр сæ  систой, уыцы ныффыст дæр  2010-2011  азты  арызт у.  Ныр  ахæм  лæбурдмæ  сæ ныфс хæссынц, кæцы ныма бйхъусытой 2010-2011 азты, стæй  йæ  смонтаж кодтой,  стæй  гæдыдзинад, мæнг контент æрцæттæ кодтой.  Ацы адæм  ауыл дæр  не смæсты ис  æмæ  фæстаг   æхст дæр сын ахæм рауадис, кæцы нысанмæ  нæ  бахæццæ ис  æмæ фæтсиуæг не рхаста, цымæн æмæ объективон  адæймаг  уыдæттæй не смæсты  уыдзæн» – райхуъсын кодта фракци «Гуырдзиаг Бæллиццы»  сæрдар  Мамука Мдинарадзе.

Мамука Мдинарадзейы  фидиуæнæй,  зæгъгæ нæй гæнæн  конкретон хъуыддагыл  политик  зæгъа, хъуамæ райдайæт æви нæ прокуратурæ фæдæвзарын.

«Политик дæн  æмæ  бирæ хæттыты  загътон,   прокуратурæйы  бæсты мæ  бон ницы   зæгъын у.  Прокуратурæ фыдракæнды  нысæнттæ  куы фæфиппайы,  йеуæд рывналы æдагурыдмæ.  Цыдæр архæйдтытæ  политикон бонвæткæй  равзæргæ куы сты  æмæ  фыдракæнды нысæнттæ дзы куы  нæ уыны, уæд фæдæвзарын нæ райдаы.  Æз сын уый  амонæгæн нæ рабæздзынæн  æмæ сын нæдæр  зæгъдзынæн, уымæн  æмæ  уыцы тæккæ мын фылдæртæ  зæгъдзысты, цæмæй дам сымах  амыдтат, уый  тыххæй  нæй  гæнæн  политик  зæгъа, хъуамæ райдайæт прокуратурæ фæдæвзарæн æви нæ» –  райхъусын кодта Мамука Мдинарадзе.