Мамука Мдинарадзе – Темирлан Мачаликашвилийы  мæлæтæй  политикъон нысæнттæн  спекуляцитæ зынæмбарæн сты
Мамука Мдинарадзе – Темирлан Мачаликашвилийы мæлæтæй политикъон нысæнттæн спекуляцитæ зынæмбарæн сты

Фракци Гуырдзиаг Бæллиццы  сæрдар Мамука Мдинарадзейы   фидиуæнæй,   Темирлан Мачаликашвилийы  мæлæтæй  спекуляцитæ кæнын  уыцы адæймæгты æрдгæй,   кæцытæ   сæрмагонд интересæй дарддæр ницы  уынынц,  уымæн зынæмбарæн сты.

«Хъæбулы мæлæтæй  стырдæр трагедий  зæххыцъарыл нæй  æмæ  гыйарæгы реакци  дæро  абсолютонæй  æмбаринаг у. Фæлæ  зынæмбарæн у  ахæм темæтæй  спекуляцитæ кæнын  политикон нысæнттæн  уыцы адæймæгты æрдгæй,  кæцытæ срæмагонд интересæй дарддæр  ницы  уынынц.

Нæ бæстæйы  æдадсзинады хъахъхъæнæг куыстытæ  ис  иунæг нысан  сæ  архайдты рæстæджы –  бахъахъъæной   бæстæйы æмæ æмбæстæгты   æдадсзинад. Уый тыххæй сын хъæуы   максималон   æххуыс  дзыллæйы æрдгæй. Цæй зæгъын æй  хæъуы  уымæй нæ цух кæны  фæдагуырды   бæгъдуан  деталон æмæ æххæст   дзуаппытæ   ратта  алы ффарстæн, уый нымæцы   ацы  эпизодмæ гæсгæ дæр» –   расидтис Мамука Мдинарадзе.

Панкисы Дуисы  хъæуы  спецоперацийы рæстæджы цæф Темирлан Мачаликашвили  абон амард.