Мамука Мдинарадзе- Тагъд бахæццæ уыдзыстæм уымæ, цæмæй раст наркополитикæ бакусæм
Наркополитикæйы закъоныл куыст иу бонæй дæр не рынцад – уый тыххæй журналисттæн фехъусын кодта парламентон фракци «Картули Оцнебайы» сæрдар Мамука Мдинарадзе, медийы минæвæртты сидтæн дзуаппы рæстæджы.Медийы минæвæрттæ домынц наркополитикæйы либерализацийы процесс батагъддæр кæнын.
«Фæнды мæ бауырнын уæ кæнон, цæмй наркополитикæйы фæдыл закъоныл куыст иу бонæй дæр нæ фæурæдтам. Мах аразæм фембæлдтæ æндæр æмæ æндæр къордтимæ. Зонут æй, цæмæй радикалонæй хицæн кæнынц хъуыдытæ, уый нымæцы парламентон фылдæрты æхсæн дæр. Ис нæм иумæйаг позицитæ – иуы æрдгæй закъондæттынад хъуамæ уа либералон наркопайдагæнджыты æрдæм, æмæ иннæ æрдгæй та, хъуамæ уæм тызмæг реализаоторты æрдæм» – банысан кодта Мдинарадзе.
Медийы минæвæрттæ сидынц парламентмæ, наркополитикæйы либерализаци батагъд кæнынмæ, æмæ президентæй та курынц – ныххатыр кæна Мамука Бердзенишвилийæн.