Мамука Мдинарадзе сиды, цæмæй опозицион партитимæ ныхас хицæнæй дæр ис гæнæн
Мамука Мдинарадзе сиды, цæмæй опозицион партитимæ ныхас хицæнæй дæр ис гæнæн
Парламентон фылдæры хайы лидер Мамука Мдинарадзе сиды, цæмæй кæд æмæ опозици æвзарæнон тематикайыл диалогы нæ райсдзæн хайад, уæд уыдонимæ ныхас хицæнæй дæр ис гæнæн.
«Æппæтдунеон партнерады рекомендацитæм гæсгæ, цæттæ стæм диалогы райсæм хайад æмæ фæныхас кæнæм æвзарæнон темайыл. Чысыл рæстæг зайы æмæ сидæм опоненттæм, æрыздæхой диалогы форматмæ. Иуæй-иутæ æвдыстой 135/15, иннæтæ 110/40 æмæ барьеры фæныллæгы фæдыл. Бирæ верси уыд æвдыст. Тынг бирæ техникон фарста ис 135/15 æви 110/40, уый географионæй дæр хъуамæ æрцæуа биноныг. Ацы фарстатыл ныхас февралы кæронмæ хъуамæ райдайæм æмæ кæронмæ бакæнæм, цæмæй алы æппæт географионæй дæр æрбиноныг уа», – расидтис Мамука Мдинарадзе.
Парти «Гирчийы» уæнг Вахтанг Мегрелишвилийы информацимæ гæсгæ, йæ партийы уæнг Яго Хвичия 18-æм февралы парламенты сæрдар Арчил Талакъвадзейыл фембæлд. Æвзарæнон фарстатыл хицаугæнæг парти æмæ «Гирчийы» фембæлд афтæ дæр бæлвырд кæны парламенты вице-спикер Гия Вольски дæр.
Тбилисы мэр Каха Къаладзе 18-æм февралы расидтис, цæмæй хицаугæнæг къорд цæттæ у хицæн партитимæ фембæлдтæ сараза æмæ æвзарæнон системайыл фæуынаффæ кæной.