Мамука Мдинарадзе – Парламенты ног фракцитæ афæдзы кæронмæ арызт уыдзысты
Ног фракцитæ парламенты хуыздæр координацийы тыххæй, афæдзы кæронмæ арызт уыдзысты – ацы фидиуæны фракци «Гуырдзиаг Бæллиццы» сæрдар, Мамука Мдинарадзе фылдæртæм плангонд 2 ног фракцийы саразыны фарстыл фæдыл сарызта.
«Ацы хабары бæрæг интерпретацитæ, фракциты саразыны фарст батагъддæр кодтой. Уый тыххæй, цæмæй мах нæ тагъд кæнæм. Афæдзы кæронмæ мæнмæ гæсгæ фракцитæ координацийы фæхуыздæр кæынæн, арæзт уыдзысты уыцы афонмæ. Уый тыххæй цæмæй алы депутат дæр активонæй баст уа, скуыддзæгты исты, закъондæттæн инициативæты . Уый тыххæй фылдæры хаймæ уыдзæн ноджы дыууæ ног фракци. 6 –ы бæсты 8 фракци нын уыдзæн» – расидтис Мамука Мдинарадзе.
Фылдæрты депутыт æфматуцæй фракциты саразыны фарстыл оппонентты фидиуæнтæ схуыдта æнæбындур спекуляцитæй.
Парламентон фылдæрты фæлгæтты дыууæ ног фракцийы фæдыл, ивгъуыд къуырийы райхъусын кодта фылдæрты лидер Арчил Талаквадзе.
Фыццаг каналы информацийæ, парламентон фылдæрты æхсæн сырæзт фракциты къухдариуæггæнджытæ уыдзысты – Гоча Энукидзе æмæ Бидзина Гегидзе. Фарастæм æрсидты парламенты Энукидзейы æмæ Гегидзейы фракцитæ куы сырæздзысты уый фæстæ, фылдæры хаймæ уыдзæн аст фракцийы, кæцы парламентон куыстæн бæрæг привилегий у, кæцы фæбæрæг вæййы дзырдæй ралæудæн хъæугæ рæстæг æмæ аппаратæй.