Мамука Мдинарадзе хъусын кæны, цæмæй фылдæртæ сразы уыдзысты ивддзинæдтимæ, кæцытæй  Æхсæнадон Уацхæссæг  бюджеты  10%-æй æнæкъаддæр   хъуамæ  бахардз кæна  аивадон, документон фильмты  æмæ сериалты финансдзинадыл

Законопроектмæ  гæсгæ, Æхсæнадон Уацхæссæгæн  уыдзæн   хæс, бюджеты  æнеæкъаддæр дæс проценты  телеуынынадон документаллистикæйы æрдæмадыл бахардз кæна – уый фæдыл   фракци  «Картули Оцнебайы»  сæрдар Мамука Мдинарадзе   райхъусын кодта.

«Мæ хъуыдымæ гæсгæ, уый уыдзæн  егъау стимул  сферæйæн æмæ  стыр  размæ арызт къахдзæф,у ый тыххæй  дæр  ацы  домæнимæ сразы уыдзыстæм» – райхъусын кодта  Мамука Мдинарадзе.

Афтæма  йæ  дзырдæй,  зæгъгæ паралментон фылдæртæ  принципты æмвæзадыл   ивддзинадимæ сразы уынмæ цæттæдзинад   равдыстой æмæ закъонопроект   хъæлæскæнынадмæ иннæ  сессион къуырийы   рахæсдзысты.

Закъонопроекты автор у Рати Ионатамишвили.

«Уацхæссынады фæдыл»  закъонмæ  ивддзинæдтæ  Гуырдзыстоны парламекнты бюромæ  22  майы   бавдыстой, кæцымæ гæсгæ, Æхсæнадон Уацхæссæг   бюджеты дæс  процентæй æнæкъаддæр зхуамæ  бахардз кæна, гуырдзиаг аивадон. Документон телефильмты  æмæ сериалты  финансдзинадыл.