Мамука Мдинарадзе -  Гуырдзиаг фарс Уæрæсейы  æрдæм санкцитæм баиу кæныны фæдыл  деталонæй  фæуынаффæ кæндзæн
Мамука Мдинарадзе - Гуырдзиаг фарс Уæрæсейы æрдæм санкцитæм баиу кæныны фæдыл деталонæй фæуынаффæ кæндзæн

Фракци «Гуырдзиаг Бæллиццы»  сæрдар Мамука Мдинарадзейы  фидиуæнæй,   гуырдзиаг фарс,   деталонæй æруынаффæ кæндзæн   Уæрæсейы æрдæмуагæвæрд санкцитæм  баиу кæныны фарстыл.

Фыццаг Канал  Мамука Мдинарадзейы бафарста, кæцы æххæссыд   Украинæйы президент  Петро Порошенкоимæ  фембæлдыл  цы фарст айзæлд уымæ.

«Нæ ныхасы  иуæй-иу компонент æххæссыд  растдæр уымæ.   Порошенкойы  æрдгæй,   айзæлдис  ахæм куырдиат.  Украинæ махæн стратегион   партнер бæстæ у  æмæ гуырдзиаг фарс  Украинæйы  æрдæм фарсхæцынад  кæддæриддæр æвдыста. Ацы  цауы   не скуыддзæгты сæйраг хахх  раст ай уыдзæн.   Санкцитæм  гæсгæ  деталон   уынаффæ сырæздзæн,  уæлæнгай дзуапп раттын  гæнæн  нæй,  уымæн æмæ   бирæ детæлттæ ис   æмæ   нæ позицийы сфиксир кæндзыстæм.   Украинæ у   нæ  хæлар бæстæ  æм  алы легитимон фарстмæ гæсгæ йæ фарс хæцæг стæм» –  расидтис Мдинарадзе.

Украинæйы президент петро Порошенкойы хъуыдымæ гæсгæ,   ис гæнæн  оккупацигонд Гуырдзыстоны  территориты фарст,  евроцæдисы  æрдгæй, Уæрæсейæн   уагæвæрд  санкциты   пролонгациимæ  сбæттын –  уый фæдыл  Украинæйы   президент  Гуырдзыстоны  парламенты сæрдаримæ  Ираклий Къобахидзеимæ  фембæлдыл загъта,   информацийы хæлиу кæны  Украинæйы  президенты администраци.