Мамука Мдинарадзе – цæмæн сбаста репрессиргонд адвокатты хъуыддæгтæ Гиргвлианийы хъуыддаджы барастимæ, уый фæдыл бафæрсут президенты
Гуырдзыстоны президенты администрацийы æмæ адвокатты ассоциацийы æхсæн къухбафыст æмкуысткæнынады фæдыл меморандумæн, «Гиргвлианийы хъуыддаджы барастимæ» ницы иумæйаг ис – уый фæдыл райхъусын кодта парламентон фракци «Гуырдзиаг Бæллиццы» сæрдар мамука Мдинарадзе.
«Меморандум кæцы баст у 2005-2012 азты репрессиргонд адвокатты хъуыддæгты ногæй æркæсынимæ, æппын йын ницы иумæйаг ис «Гиргвлианийы хъуыддаджы барастимæ»». Цæмæн афтæ загъта – уый фæдыл бафæрсын хъæуы йæхæдæг президенты.
Æмкусткæнынады меморандум баххæст ис Гуырдызстоны президенты администрацийы æмæ адвокатты ассоциацийы æхсæн.
Гуырдзыстоны президенты администрацийы информацийæ, меморандумы нысан у – уыцы амæлтты баахъаз кæнын, кæцытæ срæвдз кæндзысты Гуырдзыстоны 2005-2012 азты репрессиргонд адвокатты æмæ политикъон нысанæй тæрхонмæ лæвæрд уæнгты, кæнæ та уыцы æмбæстæгты кæцытæ нымадмæ ист цæуынц политикъон хъомысдарыны амæттæгтыл, хъуыддæгты ногæй æркæсын. Алцыппæт уыймæй, фæнысангонд агоймагæн ратдзæн фадат сæндидзын кæна йæ бартæ.