Мамука Мдинарадзе – Анатолий Бибиловы фидиуæн нæрайсгæ у, æмæ бынтон æнæмбæлон у алы æхсæнадæмон нормæтæм
Фракци «Картули Оцнебайы» сæрдары Мамука Мдинарадзейы аргълæвæрдæй, а.х. Хуссар Ирыстоны де-факто президенты Бибылты Анатолийы фидиуæн зæгъгæ, абсолютонæй нæрайсгæ у, æмæ йæ ныхмæ у алы æхсæнадæмон нормæ æмæ стандарттæн.
Журналисттæн Мдинарадзе куыд загъта афтæмæй, ахæм æнæлегитимон фидиуæнтæм æнæкæсгæ, гуырдзиаг паддзахад алцыппæт аразы, цæмæй Арчил Татунашвилийы марды йæ хæдзармæ куыд гæнæн ис афтæ цыбыр æмгъуыдтæм раласой.
«Растæй уын зæгъдзынæн, а.х. президенты æцæг нысан цы у уый, ацы фидиуæн куы аразы уæд. Бирæ нысаниуæгджындæр у цæмæй нæм ахæм æнхъæлцытæ ис, уымæн æмæ алцыппæт аразæм, марды нæ кантролгонд т ерриторимæ раласынæн. Мæ хъуыдыйы уый дарын æмæ марды раласын хъавæм цыбырдæр æмгъуыдтæм» – расидтис Мдинарадзе.
Оккупаицгонд Цхинвалы режимы информацион фæрæзты хъусинагæй, Женевæйы Дискусситы æмсæрдæрттæ, оккупацигонд а.х. Хуссар Ирыстоны де-факто президент Бибылты Анатолиимæ фембæлдысты. Бибиловы ныхæстæм гæсгæ, Арчил Татунашвилийы буары радæттыны æркуырды афтæ æнцонтæй сæххæст кæнын йæ бон нæу æмæ экспертизæ аразынц зæгъгæ.