Мамука Мдинарадзе æвзарæнон  ивддзинæдтæм гæсгæ  оппозицийы афойнадон дзуаппмæ æнхъæлмæ кæсы
Мамука Мдинарадзе æвзарæнон ивддзинæдтæм гæсгæ оппозицийы афойнадон дзуаппмæ æнхъæлмæ кæсы

Æвзарæнон  ивддзинæдтæн бæрæг æмгъудтæ  хъæуы,    цалдæрмæййон процессыл  куы ныхас кæнæм уæд  цух  стæм  уыцы фадатæй, ома  сæрды  æрцæуæм исты  разыдзинадмæ  æмæ   стæй  уый фæзына  æмбæлон  закъоны мидæг – уый фæдыл   æвзарæнон  системæйыл хицауады æмæ оппозицийы  минæвæртты  диалогы   фæндзæм  раундмæ  гæсгæ  парламентон фылдæрты   лидер, Мамука Мдинарадзе   райхъусын кодта.

«Реалонæй   æнхъæлмæ кæсæм дзуаппмæ цæмæй разы  сты  æви нæ компромиссимæ. Ацы  скуыддзаг  цырдæй  райсын  уымæй  уы нысанæмраст,  ома  стæй  нал уыдзæн гæнæн   куыд конституцион  ивддзинæдтыл теорионæй   ныхас, афтæ  закъондæттынадмæ исты  ивд бахæссын»- райхъусын кодта Мамука Мдинарадзе.

Ивгъуыд азы  20 декабры, хицаугæнæг   бал, оппозицийæн  банхъарыд  æвзарæнон системæйы  ног модель –  100/50.  Хицаугæнæг  бал   политикон  спектрæн æнхъары,  баззайæд  архайæг    æмхæццæ   æвзарæнон системæ, фæлæ   дыууæ æртыккæгæм хайæ  фæфылдæр уæд   пропорцион  хай  фæнысангонд системæйы.   Йеуæд  парламенты  сæрдар   Арчил Талакъвадзе   куыд  райхæлдта,  уымæ  гæсгæйæ,    разыдзинады   цауы  пропорцион  æгъдауæй  æвзæрст æрцæудзæн 100  депутат,  мажоритарон  мандаттæ  та,  50-ы  онг фæкаддæр уыдзысты.