Мамука Хазарадзе сиды, цæмæй Гиоргий Гахариайы партиимæ æвзарæнон цæдисы фæдыл бадзырдтæ нырма нæ фæцис
Мамука Хазарадзе сиды, цæмæй Гиоргий Гахариайы партиимæ æвзарæнон цæдисы фæдыл бадзырдтæ нырма нæ фæцис

«Тыхджын Гуырдзыстоны» коалицийы лидер Мамука Хазарадзейы расидæнмæ гæсгæ, Гиоргий Гахариайы партиимæ æвзарæнон баиу кæныны фæдыл бадзырдтæ даргъ кæнынц.

«Мах нæ фестæм бадзырдтæ. Ис техникон фарстатæ. Ноджы фæныхас кæндзыстæм æмæ сымах уыдзыстут фыццаг, кæцытæн  фехъусын кæндзыстæм фæстиуæг» -расидтис Хазарадзе президенты администрацийы.

Мамука Хазарадзейы ныхасмæ гæсгæ, æнæкæсгæ бирæ фарстайыл хицæн хъуыдытæм, уыдон сразы сты, цæмæй алцыппæт сараздзысты, цæмæй «Гуырдзиаг Бæллицц» хицауадæй ацæуа. Хазарадзе, журналистты фарстытæн дзуапп дæтгæйæ, банысан кодта, цæмæй ивгъуыд рæстæджы Гиоргий Гахариаимæ ныхмæлæуд нæ  нымайы, зæгъæм, проект «Анаклиайы» фæдыл.

Мамука Хазарадзе банысан кодта: «Кæд æмæ æндæр фарстатæ, кæцытæ баст сты уыцы иу фыстæгимæ, уыцы иу Анаклийы фарста, æндæр истори, мæ позици уый мидæг ис, цæмæй æппæт ацы фарстатæ хъуамæ æркæсой бæрæг хæдбар прокуратурæйы æмæ тæрхондоны уавæрты, цыран  Гахариа æмæ æз, хъуамæ  уадзæм æмгуыстад, фæнды 20 июны уа, фæнды æндæр фарста».