Мамука Хазарадзе – Михеил Саакашвилийы  æнæниздзинадыл бæрнон у паддзахад æмæ  хицауад
Мамука Хазарадзе – Михеил Саакашвилийы æнæниздзинадыл бæрнон у паддзахад æмæ хицауад

Ныр сегасдæр нысаниуæгджын у  президенты   æнæниздзинад.  Йæ æнæниздзинадыл  бæрнон у  паддзахад æмæ  хицауад, –  уый фæдыл райхъусын кодта  «Лело»-ы  лидер Мамука Хазарадзе.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Михеил Саакашвилийы  госпитализаци æнæмæнгхъæугæ у.

«Уыцы фарста, кæцыйы  адæмон барты хъахъхъæнæг райхъусын  кодта,  хъуамæ аскуыддзаг уа  бæрзонд бæрны æмвæзадыл.  Мах  фехъуыстам президент Саломэ Зурабишвилийы  позици.  Уый фæстæ æндæр позици  нал фехъуыстам.  Ахæм фарстæты,  кæй  зæгъын æй хъæуы,  президенты  уынаффæ  скуыддзаггæнæг нысаниуæгджын у, фæлæ мæ  нæ  фæнды искæй  бæсты  ныхас кæнын,  уæлдай дæр  президенты бæсты.  «Националон Змæлды» фидиуæнты  тыххæй  куы зæгъæм, уæд  кæцыфæнды ахæсты æнæниздзинады æмæ  цардыл бæрнон у  хицауад.  Уый тыххæй дæр,  банхъæлмæ кæсæм  дипломатты  позицимæ», –   райхъусын кодта Хазарадзе.