Мамука Бахтадзейы рацыды онг Евросоветы рабадты залы айзæлдзæн «Чакъруло»

09:06, 10.04.2019

Гуырдзыстоны  премьер-министр Мамука Бахтадзе  абон   Евросоветы  парламентон   ассамблейы   рабадтыл дзырдæй   ралæудзæн.

Мамука Бахтадзейы   рацыды  онг рабадты залы  гуырдзиаг фольклорон   зарæг айзæлдзæн,  кæцы Евросоветы   парламентон ассамблейы   практикæйы  стæм фæзынд у.

Гуырдзыстоны   Евросоветы уæнгсуæвыны  20 азы сæрмæ  гæсгæ, рабадты залы  ансамбль  «Рустави»  сæххæст кæндзæн «Чакъруло».  Гуырдзыстоны премьер  Евросоветы раз  ацы зарæгы  фæуды  фæстæ ралæудзæн.

Мамука Бахтадзейæн хъусджыты раз ралæууынæн  уыдзæн  20  минуты.  Уый фæстæ,  40  минут та,  лæвæрд æрцæудзæн  уыймæн, цæмæй Гуырдзыстоны  премьер-министр бæстæйы европаг  фæндагыл  æнытстыты æмæ   быцæусидтытыл европаг парламентарты  фарстытæн ратта дзуаппытæ.

Мамука Бахтадзейы  дзырдæй ралæуд,  символонæй   Гуырдзыстоны Евросоветы уæнг суæвыны 20 азы сæры нывонд уыдзæн.

Страсбургмæ визиты кæрон  премьер  уазджытæн   Гуырдзыстоны  Европæйы Советы  20 азы сæрмæ нывонд  официалон  райстыл   сфысым кæндзæн.

Хуыздæр