Мамука Бахтадзе – Гуырдзыстоны окупиргонд територитыл нæй этникон конфликт, уый у уырыссаг пропаганда, кæцы ацы идея парахат кæны
Мамука Бахтадзе – Гуырдзыстоны окупиргонд територитыл нæй этникон конфликт, уый у уырыссаг пропаганда, кæцы ацы идея парахат кæны
Гуырдзыстоны териториты окупаци у алкæмæй стыр æмæ рыстаг расидæн, кæцыйы раз бæстæ лæууы, окупиргонд територитыл нæй этникон конфликт, уый у уырыссаг пропаганда, кæцы ацы идея парахат кæны – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе, æппæтдунеон конференцийыл расидтис.
Конференцийыл премьер-министримæ дискусийы модератор Financial Time -ы сæйраг редактор Эдвард Луис, кæцы премьермæ фарста ратта окупиргонд територты фæдыл – «10 аз Уырыссаг окупацийы фæстæ цы уавæрты ис гæнæн Абхази æмæ Цхинвалы регионы æрыздæх».
Премьер-министр окупиргонд територитыл уæвæг ситуаци гуманитарон катастрофæ схуыдта æмæ окупацийы онг Абхази æмæ Цхинвалы регионы æмбæстæгты нымæцыл сцырын кодта хъусдард.
«Гуырдзыстоны териториты окупаци у алкæмæй стыр æмæ рыстаг расидæн, кæцыйы раз бæстæ лæууы, окупиргонд територитыл нæй этникон конфликт, уый у уырыссаг пропаганда, кæцы ацы идея парахат кæны. Фæнды æрымысын уын кæнон, цæмæй бынæттонты нымæц Цхинвалы регионы хæсты онг 120 000 мин адæймаг уыд, ныр та 20 000 æмæ уыдонæй 7 000 уырыссаг æфсæдæттæ сты. Абхазийы та хæсты онг 550 000 уыд ныр та 120 000», – расидтис премьер-министр.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, Гуырдызстоны хицауад гуманитарон катастрофайы фæдыл реагирдзинады фæлгæтты, инициативæ «Къахдзæф хуыздæр фидæнмæ» -бакуыста.
«Архайæм, реагирдзинад сыххæст кæнын ацы гуманитарон катастрофайыл. Махæн ис нысаниуæгджын ног инициативæ «Къахдзæф хуыздæр фидæнмæ». Ацы инициативайы идея у æнæниздзинад, рухсады къухбаххæсындзинад уыцы адæймæгтæн, кæцытæ цæрынц окупиргонд територитыл, раттæм шанс коммерцион куыст æххæст кæной, цæмæй æфтиаг райсой, фæлæ кæй зæгъын æй хъæуы, Уæрæсе снысангонд инициативайы ныхмæ цæуы», – расидтис Бахтадзе.