Мамука Бахтадзе – Федерика Могеринийы раисдæн ноджы иу хатт бæлвырд кæны, цæмæй Евроцæдис æмæ Гуырдзыстоны æмахастыфтæ бæрзонд уагыл сты
Мамука Бахтадзе – Федерика Могеринийы раисдæн ноджы иу хатт бæлвырд кæны, цæмæй Евроцæдис æмæ Гуырдзыстоны æмахастыфтæ бæрзонд уагыл сты
Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе æттаг политикайы æмæ æдасдзинады фарстаты Евроцæдисы уæллаг бæрнон Федерика Могеринийæн бузныг сиды.
Мамука Бахтадзейы ныхасмæ гæсгæ, Могеринийы раисдæн, уый фæдыл æмæ Гуырдзыстон æвахс æмæ нысаниуæгджын партнер у, ноджы иу хатт бæлвырд кæны, цæмæй Евроцæдисиæм æмахастытæ стыр бæрзæндыл сты.
Федерика Могерини 2018-æм азы сæйраг цауты æхсæн Франкфурты чиныгы базарыл Гуырдзыстоны уазæгуатдзинад схуыдта. Уый фæдыл Евроцæдисы æттаг политикон уагдоны къухдариуæг сæрмагонд веб-фарсыл рапарахатгонд публикацийы фыссы, кæцыйы номхуынд «12 цау, кæцытæн хъуамæ агкаг кад скæнæм 2019-æм азы».
Евроцæдисы уæллаг бæрноны ныхасмæ гæсгæ, Гуырдзыстон Евроцæдисы æввахс æмæ нысаниуæгджын партнер у.