Мамука Бахтадзе – фæззæджы ноджы иу ног сыф уыдзæн фыст нæ паддзахады историйы, уæд кæд æмæ Гуырдзыстон Евросоветы сæрдар бæстæ суыдзæн
Мамука Бахтадзе – фæззæджы ноджы иу ног сыф уыдзæн фыст нæ паддзахады историйы, уæд, кæд æмæ Гуырдзыстон Евросоветы сæрдар бæстæ суыдзæн
Фæззæджы ноджы иу ног сыф уыдзæн фыст нæ паддзахады историйы, уæд кæд æмæ Гуырдзыстон Евросоветы сæрдар бæстæ суыдзæн, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе парламенты бæрæгбонон рабадтыл ныхасæй рацыды рæстæджы расидтис.
Парламенты трибунайæ Мамука Бахтадзе раарфæ кодта Евросоветы парламентон ассамблеайы президентæн, кæцы специалонæй æрцыд Тбилисмæ ацы боны фæдыл.
Парламенты Гуырдзыстоны Евросоветмæ интеграцийы 20 азон юбилеймæ гæсгæ бæрæгбонон рабадт сырæзт.
Гуырдзыстон Евросоветмæ интеграцийæ 20 азы юбилей нысан кæны. Гуырдзытсоны парламенты абон бæрæгбонон рабадт сырæздзæн.
Рабадт парламенты сæрдар Ираклий Къобахидзе байгом кæндзæн. Бæрæгбонон рабадтыл ныхасæй рацæудзысты Евросоветы парламентон ассамблеайы президент Лилиан Мор Паске, Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе æмæ президент Саломе Зурабишвили.
Гуырдзыстоны парламенты фæсарæйнаг æмахастыты комитеты сæрдар Сопо Кацаравайы расидæнмæ гæсгæ, Гуырдзыстоны Евросоветы парламентон ассамблеаимæ æмкуыстдзинад бæтты. Кацаравайы ныхасмæ гæсгæ парламентон ассамблеайы фарсылхæцындзинад тынг нысаниуæгджын у.