Мамука Бахтадзе - Фæзындты  агрессивон айтынг æрмæст уыцы  бæстæйы интерестæм æмбæлыкæцы  æххæст кæны  нæ территориты оккупаци
Мамука Бахтадзе - Фæзындты агрессивон айтынг æрмæст уыцы бæстæйы интерестæм æмбæлыкæцы æххæст кæны нæ территориты оккупаци

Фæзындты  агрессивон   айтынг æрмæст уыцы  тыхты  интерестæм æмбæлы,  кæцыты фæнды, дзыллæйы æхсæн  змæстдзинад æнкъарæн  сцырын  кæнын, фыццаджы дæр,  уыцы  бæстæйы,  кæцы  æххæст кæны  нæ территориты оккупаци –  уый тыххæй   Гуырдзыстоны  премьер-министр, Мамука Бахтадзе хицауады   абоны рабадты  размæ  райхъусын кодта.

Журналисттæ  премьер-министрæн фарстытæ  дæттой   бизнесмен Леван Васадзейы  зноны  фидиуæнты æмæ уый  тыххæй ма,  цæмæй   кæй  интерестæм гæнæн ис  æмбæлон уа   фæзындты агрессивон айтынг.

Гуырдызстоны премьер-министры  дзырдæй, зæгъгæ   чидæриддæр барадон  фæлгæттæй  ахиздзæн, чи фæнды дæр уæт,дзуапп ратдзæн закъоны раз.

«Ай гæнæн ис  æрмæст уыцы  тыхты интерестæм æмбæлон уа,  кæцыты фæнды  æрбахæссой  змæстыты   æнкъарæн  дзыллæмæ,  фыццаджы  дæр   бæстæйы,  кæцы æххæст кæны нæ территориты оккупаци, фæлæ ацы  цауы,  политикъон  æмæ  барадон аргълæвæрдтæ  сты  кæрæдзийы  идентон.  Чидæриддæр  барадон  фæлгæттæй  ахиздзæн, чи фæнды дæр уæт,дзуапп ратдзæн закъоны разю. Мах уый æнæ иу хатт равдыстам, æмæ куы  бахъæуа, уæд  та  ноджы равдисдзыстæм.  Ай у  тынг сенситивон  фарста.  ФÆнды мæ  ракурын алкæмæй, кæмæндæриддæр  фыдыбæстæйыл йæ зæрдæ  риссы,  сæрмагонд бæрнæй   балæууæнт ацы  фарстамæ. Бæстæйы ис  дыууæ  тынг риссаг быцæусидт, мæгуырдзинад æмæ оккупаци. Иттæг  нысаниуæгджын у, цæмæй  æнæхъæн нацийы  консолидаци здæхт уа  ацы  дыууæ  сеппæтæй   стыр æмæ риссаг   быцæусидтæн бахъом  уыны  æрдæм» –  райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.

Бизнесмен Леван Васадзе, знон   Верейы  паркъхы  уагъд акцийыл  райхъусын кодта, цæмæй  «Тбилиси Прайды»  ныхмæ, Тбилисы адæмон балтæ  организаци  скæндзæн.

Афтæма фæнысангонд  фидиуæныл,  МХМ æрывнæлдта  фæд æвзарынмæ.