Мамука Бахтадзе Евросоветы парламентон ассамблейыл дзырдæй ралæудзæн
Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе, кусæн визитæй Страсбургмæ ныццыд.
Хицауады сæргълæууæг, абон Европæйы Советы парламентон ассамблейы рабадтыл дзырдæй ралæудзæн цæй фæстæ дæр европаг депутаттæ Мамука Бахтадзейæн дæтдзысты фарстытæ.
Мамука Бахтадзейæн хъусджыты раз ралæууынæн уыдзæн 20 минуты. Уый фæстæ, 40 минут та, лæвæрд æрцæудзæн уыймæн, цæмæй гуырдзыстоны премьер-министр, бæстæйы европаг фæндагыл æнытстыты æмæ быцæу сидтытыл, европаг парламентарты фарстытæн ратта дзуаппытæ.
Мамука Бахтадзейы дзырдæй ралæуд, символонæй Гуырдзыстоны Евросоветы уæнг суæвыны 20 азы сæры нывонд уыдзæн.
Страсбургмæ визиты кæрон премьер уазджытæн Гуырдзыстоны Европæйы Советы 20 азы сæрмæ нывонд официалон райстыл сфысым кæндзæн.