Мамука Бахтадзе – европон коллегатæн бавдисдзыстæм конкретон хъуыдиæттæ, куыд хъуамæ саразæм нæ интеграцийы процесс ноджы эффектон дæр
Мамука Бахтадзе – европон коллегатæн бавдисдзыстæм конкретон хъуыдиæттæ, куыд хъуамæ саразæм нæ интеграцийы процесс ноджы эффектон дæр
Афтæ æввахс еврострукутратæм никуы уыдыстæм, уый у историон шанс æмæ йæ хъуамæ спайда кæнæм – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе Брюселмæ афæндаарсты онг журналисттæн раисдтис.
Премьер-министры пресс-куысты информацийæ, визиты фæлгæтты сырæздзæн уæллаг рангы фыццаг фембæлд Гуырдзыстоны хицауад æмæ еврокомисы уæнгты хайадистæй.
Премьер-министр европон советы президент Дональд Тускыл æмæ еврокомисы президент Жан Клод Юнкерыл фембæлдзæн.
Афæндаарсты онг Мамука Бахтадзе расидтис, цæмæй визит у тынг нысаниуæгджын.
«Специалонæй сырæзт ацы формат Гуырдзыстонæн, куыд алкæмæй æнтыстджын бæстæйæн, Евроинтеграцийы фæндагыл. Махæн уыдзæн фембæлдтæ евросоветы президент Дональд Тускимæ, Еврокомисы президент Жан Клод Юнкеримæ, цæмæй нæ европон партнертимæ иумæ бакусæм ног фæндæгтæ æмæ ног нысæнттæ куыд æрбаввахс кæнæм Гуырдзыстоны Европамæ» – раисдтис Мамука Бахтадзе.