Мамука Бахтадзе Ангела Меркелæн Дрездены музейæ 1945 азы сæфт ныв алæвæрдта

13:22, 24.08.2018

Германийы  канцлер  Ангела Меркель Гуырдзыстонмæ визиты рæстæджы  æнæнхъæлæджы  лæвар райста.  Канцлеры  социалонхызаг «Инстаграммы»  ахæлиугонд  информацимæ гæсгæ,  сихоры  рæстæджы  Гуырдзыстоны премьер-министр  Мамука Бахтадзе  Ангела Мерркелæн  лæвар адæтта  17-æм æнусы  ныв, кæцы Дрездены  музейæ  Дыккаг дунеон хæсты  фæуды  фæстæ фесæфтис.

«Зарæг сихорыл æмæ æнæнхъæлæджы лæвар: Гуырдзыстоны премьер-министр  Мамука Бахтадзе  Германийы  канцлерæн  адæтта  17-æм æнусы  ныв,  кæцы 1945 азы Дрездены  музейæ  фæтар ис, уый фæстæ  разынд  Советон Цæдисы  æмæ фæстагмæ  Гуырдзыстоны» – дзырдæуы  «Инстаграммы»  ахæлиугонд   фидиуæны.

https://www.instagram.com/p/Bm2vAXUgRcY/?utm_source=ig_embed&utm_campaign=embed_loading_state_control

Хуыздæр