Мамука Бахтадзе – алы æвзарæгы хъæлæс уыдзæн хъахъхъæд, уый у нæ хицауады политикон фæндон
Мамука Бахтадзе – алы æвзарæгы хъæлæс уыдзæн хъахъхъæд, уый у нæ хицауады политикон фæндон
Уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе брифингыл расидтис.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, сæрибар æмæ демокартион æвзæрстытæ 2012-æм азæй «Гуырдзийаг бæллицы» хицауады традицийæ ссис.
«Сом президентон æвзæрстыты дыгкаг тур у. Сæрибар æмæ демократион æвзæрстытæ 2012-æм азæй «Гуырдзийаг бæллицы» хицауады традицийæ ссис. Нæ хицауад уый алы хатт бахъахъхъæндзæн.
Сом алы æвзарæгы хъæлæс уыдзæн хъахъхъæд, уый у нæ хицауады политикон фæндон», – расидтис Бахтадзе.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, æвзæрстыты бон, 28-æм ноябры улæфæн бонæй расидтыстæм.
«Сидæм нæ æмбæстæгтæм, активондзинад равдисой æмæ хицауады раз хæс бафидæм». Алчи дæр æрбацæуæт æвзæрстытæм», – банысан кодта Бахтадзе.