Мамука Бахтадзе АИШ-ы паддзахадон нымæрдар Майк Помпеойыл фембæлдзæн
Мамука Бахтадзе АИШ-ы паддзахадон нымæрдар Майк Помпеойыл фембæлдзæн
Гуыдзыстоны премьер-минитср Мамука Бахтадзе цæугæ къуырийы АИШ-ы паддзахадон нымæрдар Майк Помпеойыл фембæлдзæн. Уый фæдыл брифингыл АИШ-ы паддазахадон департаменты пресс-спикер расидтис.
«Паддзахадон нымæрдар Помпео Гуырдзыстоны премьер-министримæ фембæлдзæн, кæцы Вашингтонмæ цæугæ къуырийы ныццæудзæн. Фембæлды онг, мæн фæнды банысан кæнон, цæмæй АИШ æнæлæгитимонæй нымайы, Гуырдзыстоны «Хуссар Ирыстоны» регионы 9-æм июны уагъд, афтæ хуынæг парламентон æвзæрстытæ æмæ йæ фæстиуджытæ.
Нæ позици Хуссар Ирыстоны фæдыл ирд у. Регион у Гуырдзыстоны хай. Мах нæ расидæнæй ноджы иу хатт сидæм Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинады æмæ суверинитеты фарсылхæцындзинад»,- расидтис АИШ-ы паддзахадон нымæрдар Майк Помпео.