Мамука Бахтадзе –АИШ æмæ Гуырдзыстоны æммахастытæ ахæм бæрзæндыл нырма никуы уыдысты
Мамука Бахтадзе –АИШ æмæ Гуырдзыстоны æммахастытæ ахæм бæрзæндыл нырма никуы уыдысты
АИШ æмæ Гуырдзыстоны æммахастытæ ахæм бæрзæндыл нырма никуы уыдысты æмæ афтæ ориентиргонд конркетон фæстиуджытыл –уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе «Имедийы» эфиры расидтис. Йæ ныхасмæ гæсгæ, «Гуырдзийаг бæллицы» хицаудзинады периоды æмæ АИШ-ы президент Трамп æмæ йæ администрацийы нысаниуæгджын фарсылхæцындзинады уавæрты, Гуырдзыстонæн сиис йæ бон ацы æммахастытæ ноджы фæарфдæр кæна æмæ сæ бæрзæндмæ схæса.
«Хæдбардзинады бонæй АИШ лæууы нæ паддзахды фарсмæ æмæ йæ кæй зæгъын хъæуы уый тынг æхсызгон у, цæмæй абон ацы æммахастытæ сты алкæмæй стыр бæрзæндыл. Уый у историон шанс, цæмæй мах ноджы фæарфдæр кæнæм нæ ахастытæ алы сферайы. Хъуыды кæнын, паддзахдон департаменты раисдæн у тынг нысаниуæгджын, кæцы æвдисы ацы стыр прогресс» -банысан кодта премьер-министр.
Мамука Бахтадзейы ныхасмæ гæсгæ, фæстаг дыуæ азы дæргъы фондз законгæнæг акт уыд ист, кæцыйы фарсылхæцйындзинад Гуырдзыстоны територион æнæнхъæндзинад æмæ суверинитеты фæдыл ис дзырд.