Мамука Бахтадзе – æппæтдунеон валютон фонд йæ фарсыл хæцы 4-пунктон планæн æмæ йæ фæлгæтты мах æрдыгæй инициргонд структурон реформæтæн

Æппæтдунеон валютон фонд æнтыстджынæй аргъ кæны экономикон реформæты цыдæн, кæцыты фылдæры хай фыст ис нæ проограммайы валютон фондимæ- уый фæдыл Гуырдызстоны финансты министр валютон фонды «Ауæрæхгонд финансирдзинады механизмты» программайы дыгкаг бакасты фæстæ арæзт брифингыл раисдтис.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, бæрзонд экономикон рæзт, кæцы 2017-æм азы сфиксир Гуырдызстоны æмæ даргъ кæны 2018-æм азы дæр, бындур аразы уымæн, цæмæй сыхæхст уа хицауады ист хæслæвæрдтæ æмæ адаргъ уа æнтыстджын прогресс реформæты имплемеентацийы къуымæй.

Бахтадзейы расидæнмæ гæсгæ, бæстæйы тагъд экономикон размæцыдæн æнæмæнг у æхсæнады уырна, цæмæй хицауад раст экономикон политикæ кæны.

Фыццаг вице-премьер раарфæ кодта æппæтдунеон валютон фонды миссийы бæрнонтæн, миссийы къухдариуæг Вера Мартинæн.

Валютон фонды мисси «Ауæрæхгонд финансирдзинады механизмты» Гуырдзыстоны цæугæ программайы дыгкаг бакасты фæлгæтты, дыууæ къуырийы дæргъы æхæхст кодта фембæлдтæ Гуырдызстоны хицауад æмæ националон банкы бæрнонтимæ.