Мамука Бахтадзе – абонæй алы æмбæстагæн уыдзæн фадат, цæмæй стырмитуарды кæнæ зæйтæссагдзинады рæстæджы спайда кæна Къоб- Гудауры канаткæйæ
Мамука Бахтадзе – абонæй алы æмбæстагæн уыдзæн фадат, цæмæй стырмитуарды кæнæ зæйтæссагдзинады рæстæджы спайда кæна Къоб- Гудауры канаткæйæ
Абонæй алы æмбæстагæн уыдзæн фадат, цæмæй стырмитуарды кæнæ зæйтæссагдзинады рæстæджы спайда кæна Къоб- Гудауры канаткæйæ – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе Къоб-Гудауры фæндагы баконды ныхасæй рацыды рæстæджы расидтис.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, фарасткилометрон фæндагы проекты скуысты онг, Къоб-Гудауры къанаткæ баххуыс кæндзæн спайда кæной æмбæстæгтæ фæндагæй зæйтæссагдзинад æмæ стыр митуарды рæстæджы.
«Туристон потенциалы рæзтимæ иумæ, ацы проект махæн баххуыс кæндзæн алы зымæг зæйтæссагдзинад æмæ стыр митуарды рæстæджы. Уый уыдзæн тынг нысаниуæгджын къахдзæф проблемайы æрбиноныгæн.
Кæй зæгъын æй хъæуы ацы проблемæ системонæй аскъуыддзаг уыдзæн 2023 æм азы, уæд кæд æмæ мах фæуыдзыстæм фарасткилометрон тонелы амад» – расидтис Гуырдзыстоны премьер-министр.
Йæ ныхасм æгæсгæ, Къоб-Гудауры фæндаг у историон нысаниуæгдзинады уникалон проект.