Мамука Бахтадзе – Абон нын нæ бон у  æдæрсгæйæ  зæгъын, цæмæй  Гуырдзыстон европæмæ  афтæ  хæстæг никуы уыдис
Мамука Бахтадзе – Абон нын нæ бон у æдæрсгæйæ зæгъын, цæмæй Гуырдзыстон европæмæ афтæ хæстæг никуы уыдис

Уырнæг дæн  æмуддзинады æмæ иумæ лæудæй, æнæфæцудгæ  ныфсæй æмæ  нæ европæйаг   хæлæртты  æххуысы  руаджы, æнæмнæгæй æрлæудзæн   ахæмп бон,  иууон,  фидар  æмæ сабыр Гуырдзыстон, евроцæдисы æххæстаргъджын уæнг куы суыдзæн –  уый тыххæй  Гуырдзыстоны премьер-министр  Мамука Бахтадзе, европæйы  бонты фæлгæтты  уагъд  мадзалыл   дзырдæй ралæуды рæстæджы  райхъусын кодта. Хицауады  сæргълæууæг банысан кодта,  цæмæй зæгъгæ  Европæ, гуырдзиаг нацийы  цивилизацион æвзæрст у  æмæ  Гуырдызстон, Европаг бинонты  æххæстаргъджын  уæнг  хъуамæ  уа.

«Нæ нацы  йæ  хайбавæрд скодта  уыцы   хæзнаты   формирдзинады,  кæцытыл æнцойæвæрд у  европаг идея. Растдæр уый тыххæй,  Гуырдзыстоны æмбæстæгтæм  нын ис  уый зæгъын бар, цæмæй  ай у  цивилизацион æвзæрст.   Мах тынг вазыгджын  фæндаг рацыдыстæм,  фæлæ  нын абон зæгъæн ис, цæмæй Гуырдзыстон Европæимæ  афтæ хæстæг никуы уыдис.  Ай  у тынг стыр уæлахиздзинад,  кæцымæ  хайбавæрæг  у алчи.  Уый у нæ  дзыллæйы   сгуыхтдзинад æмæ нæ ныгуылæйнаг  хæлæртты  æххуысы  фæстиуæг,  цæй тыххæй дæр мæ фæнды уыдонæн   бузныг зæгъын» – райхъусын кодта премьер-министр.

Мамука Бахтадзе  сæрмагондæй  банысан кодта  Евроцæдисы финансон  æмæ  техникон  æххуысы нысаниуæг, кæцыйы руаджы дæр, Гуырдзыстоны  хицауад  ахсджиаг реформæтæ  сæххæст кодта æмæ бæстæйы трансформацимæ æрывнæлдта.

«Мæ  хъуыдымæ гæсгæ,  абоны бон  у  рухс дæнц  уыйы, цæмæй   мах фидар лæууæм  иунæг раст фæндагыл,  кæцы нæ  æнæмæнгæй  ахæццæ кæндзæн  æнтыстмæ.  Æнæмæнг у,  не мбæстæгтæ  æрвылбойнонæй  рахатой  уыцы  фарн  æмæ æнтыст,  кæцы  Гуырдзыстонæн æрхæсдзæн    евроинтеграцийы  фæндаг.  Мах  амæйразмæ ноджы иу  уæлахиздзинад сбæрæгбон кодтам, Евроцæдис  официалонæй  нын  куы ратта фадат,  Европæйы ахуырадæ гъæд сæрвдз кæныны  агентадты  ассоциацийы (ENQA) уæнг суæвын  æмæ  гуырдзиаг  дипломтæ,  нымадмæ ист куы  цæуой  Европæйы.  Махæн ахæм уæлахиздзинæдтæ  æрвылбойнонæй  сты æнæмæнгхъæугæ» –   райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.