Мамука Бахтадзе абон хицауады ног сконд раргом кæндзæн
Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе, абон хицауады ног сконд раргом кæндзæн.
Уæдмæ та сырæздзæн «Гуырдзийаг бæллицы» политикон совет æмæ фылдæры хайы рабадт, кæцыйыл хицауады ног сконды фæдыл фæуынаффæ кæндзысты.
Струкутрон ивæндзинæдтæм гæсгæ, Гуырдзыстоны хицауады струкутрайы 10 министрад æмæ иу паддзахдон министры аппарат баззад.
Сæрмагондæй, культурæ æмæ спорты министрад сиу уыдзæн рухсады министрадмæ, æфхæрдæхæхстгæнæг министрад – юстицийы министрадимæ. Окупиргонд територитæй лыгъдонты министрад санулир ис æмæ йæ функцитæ æртæ æндæр æмæ æндæр уагдæтыл ахæлиу сты.
Хицауадæн æууæнкдзинад раисдынæн 76 депутаты фарсылхæцындзинад бахъæудзæн.
Уæвæг информацийæ, хицауады ног сконды сæ постытæ цалдæр министрæн æнæивгæ баззайдзысьы, кæцыты æхсæн сты – Тея Цъулукиани, Давид Залкъаниани, Давид Сергеенко, Леван Изория.
Парламенты та хицауадæн æууæнкдзинады расидты процедурæ 12-æм июлы райдайдзæн æмæ 14-æм июлы фæуыдзæн.