Мамука Бахтадзе -  абон  Гуырдзыстон-АИШ-ы ахастытæ  сегасæй  бæрзонддæр лæууынц æмæ  мах уымæй тынг хъал стæм
Мамука Бахтадзе - абон Гуырдзыстон-АИШ-ы ахастытæ сегасæй бæрзонддæр лæууынц æмæ мах уымæй тынг хъал стæм

Абон  Гуырдзыстон-АИШ-ы  ахастытæ   сеппæтæй  бæрзонддæр  нысаныл   лæууынц  æмæ мах уымæй  тынг хъал стæм – уый фæдыл  Гуырдзыстоны   премьер-министр  Мамука Бахтадзе,  АИШ-ы  денджызон нау  «Юэсэс  РОссыл» (USS Ross)-ыл уазæгуат уæыны  рæстæджы  загъта,   кæцы  баутмы  наулæууæны уæвы.

Мамука  Бахтадзейæн сфсым кодтой  АИШ-ы минæвары  хæстæ  æххæстгæнæг  Рос Уилсон  æмæ  денджызон науы  сæргълæууæг, капитан  Девид  Коулс. Премьер   науыл йæ цæст ахаста  æмæ йæ  фæрæзты фæдыл информацимæ байхъуыста.

Мамука Бахтадзейы   фидиуæнæй,   америкаг   науы   визит  ноджы иу хатт хахх кæны  Америкæйы Иугонд Штатты   фарсхæцын  Гуырдзыстонæн,  кæцыйæн гуырдзаиг адæм тынг бæрзонд аргъ кæнынц.

«Гуырдзыстоны   хæдбардзинад ногæй рацарæзты  бонæй, АИШ-æ  лæууыд нæ  фарсмæ  сеппæтæй   уæззаудæр  рæстæджы æмæ  гуырдзиаг адæм  уый никуы  ферох кæндзæн.  Сау Денджызы  регионы  æдасдзинад   æхсæнадæмон  æмгарадæн  бонæй-бон приоритетондæр   кæны.  Нæ  хæлæрттæм не рвитæггаг   кæддæриддæр уыд  дырыс – Сау Деджызы   регоины  æдасдзинад  цухæй,   транс-атлантикон    паддзахадты æнæфæцудгæ  æдадсзинад  гæнæн  нæй.  Кæй  нæм фæуазæг стут уый у  ноджы иу   фидар æмæ  хæларон  æрвитæггаг  æмæ ацы  фарсхæцыны  тыххæй  уын бузныг  дзурæм» – баздæхт  премьер  науы сæргълæууæгмæ æмæ  экипажы  уæнгтæм.

Америкæйы иугнонд штатты  денджызон   нау, Батумы  наулæууæнмæ 21  апрелы  æрбацыд.