Мамука Бахтадзе  абон Брюселы Дональд Тускыл фембæлдзæн
Мамука Бахтадзе абон Брюселы Дональд Тускыл фембæлдзæн

Мамука Бахтадзе  абон Брюселы Дональд Тускыл фембæлдзæн

Гуырдзыстоны премьер-министр, Мамука Бахтадзе Брюселмæ визит даргъ кæны. Бахтадзе абон европон советы президент Дональд Тускыл фембæлдзæн.

Фембæлды фæстæ плангонд у Мамука Бахтадзе æмæ Дональд Тускы иумæйаг расидæн прессайæн.

Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе, йæ кусæн визит Брюссельмæ райдыдта,   НАТО-йы  генералон нымæрдар Йенс Столтенбергимæ фембæлдæй.

Гуырдзыстоны хицауады  администрацийы  пресс-куысты   информацийæ,   фæрстæ  æркастысты     Гуырдзыстоны  НАТО-мæ интеграцийы  процессы алы  ахсджиаг фарстатæ,  сæ нымæцы   Брюсселы  ивгъуыд  куырийы  ацæугæ   НАТО-йы  саммиты  фæстиуджытæ  æмæ  райст уынаффæты  реализацийы  фæндæгтæ.

Мамука Бахтадзе  æмæ Йенс Столтенберг   æруынаффæ кодтой  æмгуыстады ног сферæтыл,  кæцытæ   сплан кодтой  Брюсселы  саммиты  фæлгæтты.   Хаххгондæй  банысан ис,   цæмæй НАТО-Гуырдызстоны  Архайадон пакет, афтæдæр куыд   æмгуыстады  ног ардæмадтæ,   банъкаринагæй  фæтыхджындæр   кæнцыдзысты  Гуырдзыстоны   хæдиргъæфхъомад,  æмæ уыйимæ иумæ ма йæ  баввахс  кæндзыты  НАТО-йы  уæнгдзинадмæ.

Фембæлдыл банысан ис, ома  йæ  фыццаг кусæн визит Мамука Бахтадзе  Брюссельмæ  кæй сæххæст кодта, уый  у  Гуырдзыстоны,  европæйаг  æмæ  евро-атлантикон структурæты  æрдæм  курсы  æнæфехдахгæдзинады æмæ æнæфенкъуысгæдзинады  ноджы и у бæлвырдгæнæн.