Мамука Бахтадзе -2017-æм азы бюджетмæ, ивгъуыд азмæ абаргæйæ, 12 процентæй фылдæр æхца бацыд
Мамука Бахтадзе -2017-æм азы бюджетмæ, ивгъуыд азмæ абаргæйæ, 12 процентæй фылдæр æхца бацыд
Финансты министр Мамука Бахтадзейы расидæнмæ гæсгæ, 2017-æм азы бюджет, куыд æфтиагы, афтæ хардзты хайы сыххæст ис. Сæрмагондæй, 131 милуан ларийæ фылдæр у æфтиагы нымæц.
Ивгъуыд азмæ абаргæйæ, бюджетмæ 12 % фылдæр бацыд. Плангонд 3, 5 % бæсты, бюджеты дефицит 3 % уыд.
Абон арæзт брифингыл Бахтадзе экономикайы фиксиргонд тенденцитыл дæр фæныхас кодта. Сæрмагондæй, экспорты рæзт 2017-æм азы 29 процент у, туризмæй æфтиагы рæзт та 27 %.
2018-æм азы 19 январы, Гуырдзыстоны финансты министр Мамука Бахтадзе 2017-æм азы фискалон аз схаццæг кодта æмæ фæныхас кодта фискалон параметртыл æмæ бюджеты æвдисæгты фæдыл.
Финансты министры информацийæ, 2017-æм азы нысаниуæгджын позитивон динамикæ уыд, кæцы макроэкономикон параметрты у æвдыст.