Мальтæйы президент – уырны нæ Гуырдзыстоны  бынат ис Евроцæдисы
Мальтæйы президент – уырны нæ Гуырдзыстоны бынат ис Евроцæдисы

Кæддæриддæр йæ фарс  хæцыдыстæм æмæ хæцæм Гуырдзыстоны   тырнынадæн, фылдæр æрыввахс уа  Евроцæдисимæ,  уырны нæ, цæмæй Гуырдзыстоны  бынат Евроцæдисы ис –  уый фæдыл  Мальтæйы президент, Джордж  Вела   райхъусын кодта.

Маль тæйы  президент Гуырдзыстоны  парламенты сæрдаримæ фембæлды л каст фарстатыл  фæныхас кодта, сæ нымæцы,   хъусдард  раздæхта  æндæр æмæ æндæр   æрдæмадæй  дыууæ бæстæйы   ахастыты  активизацийыл.

«Ныр мах нноджы  хуыздæр æмбарæм, цы нысан кодта гуырдзиаг адæмæн 2008 азы  хæст, уымæн æмæ ерын уынæм, цæмæй  раст уыдæттæ  фæлхатт кæнынц  Украинайы.  Уый дæр  уыд  дискуссийы  хай парламенты  сæрдаримæ фембæлды  фæлгæтты. Ныр бирæ  хуыздæр æмбарæм цы æрцыд  Гуырдзыстоны, уымæн æмæ практиконæй,  уый æппæт фæлхатт кæны Украинайы.  Сымах ма бафарстат, цы æркастыстæм – хъыгагæн,  нæ нын  арæз фембæлдтæ  Гуырдзыстонимæ æмæ нын хъуамæ уа   фылдæр.  Фæныхас кодтам  Гуырдзыстоны фæразондзинадыл æмæ йæ хайадыл  æхсæнадæмон   организациты, цахæм дæр  сты ОSCE æмæ евросовет.  Ны дыууæ бæстæйы æхсæн   проблемæтæ нæй.  Мæ хъуыдымæ гæсгæ,  фылдæр нæ бон у   спайда кæнæм   нæ ахастытæй базарады, культурæйы æмæ адæмты æхсæн  ахастыты æрдгæй.  Уый уыдис ме рвитæггагы  хай» –  райхъусын кодта Мальтæйы  президент Джордж Вела.