Малазийы парламенты делегаци окупацион хахх бабæрæг кодта
Гуырдызстоны визитæй уæвæг Малазийы парламентон делегацийы уæнгтæ окупацион хахх бабæрæг кодтой.
Малазийы парламенты бæрнонады палатæйы сæрдар Тан Сри Дато Мохамад Ариф Юсуф хъæу Хурвалеты цæрæг Дато Ванишвилийыл фембæлд æмæ фæныхас кодта.
Дата Ванишвили делегацийы уæнгтæн уыцы зындзинæдты фæдыл раныхас кодта, кæцытæ æмбæстæгтæ окупиргонд территорийыл æмбæлынц.
«Мах стæм нейтралон бæстæ, æрцыдыстæм, цæмæй бынатыл базонгæ уæм уавæримæ. Федтам цы уавæр ис окупацион хаххыл. Арфæ уын кæнын, цæмæй бæдзырдты фæндагæй æрбиноныг уа конфликт», -расидтис Малазийы парламенты бæрнон.