Махашвили Леван Евронесты парламентон æмбырдмæ гом фыстæгæй баздæхт
Гуырдзыстоны парламенты евроинтеграцийы комитеты сæрдар Махашвили Леван Евронесты парламентон ассамблейы фыстæгæй басидт.
Махашвили банысан кодта, цæмæй Евронесты парламентон ассамблейы фæстаг рæстæджы архайдтытæ серьозон тыхстдзинад æвзæрын кæнынц, ассамблейы бындурæвæрæг акты фундаменталон принциптæ æмæ нысæнттæ æмæ Прагайы хурскæсæн партнерады саммиты иумæйаг декларацийы æнæбастдзинады тыххæй.
Уый загъта, зæгъгæ, бирæвæрсыг диалог, кæцыйæн раздæр парахатæй æххуыс кодтой Ассамблейы хайадисджытæ, хъыгагæн, ивгъуыд рæстæджы хъуыддаг у.
«Фылдæрæй фылдæр тыхст стæм Евронесты ассамблейы хайадисæг Европарламенты иуæй-иу уæнгты, афтæ дæр йæхæдæг Европарламенты архайдтытæй, кæцыты знаггадгæнæг риторикæ æмæ архайдтытæ ныхмæлæуд кæнынц партнерады æмæ кæрæдзийæн аргъ кæныны принциптæн. Гуырдзыстоны, факттæ, бæлвырдгæнæнтæ æмæ гуырдзиаг адæмы фæндонæй фылдæр æххуыс кæнынц фыдракæндты тыххæй тæрхонгонд сæ политикон партнертæн.
Гуырдзыстоны æхсæнад уыд æвдисæн, куыд баиу сты ацы европарламентаритæ Гуырдзыстоны парламенты раз протестон акцитæм, кæцы парламентон дипломатийы арæнтæй ахызт. Европарламенты делегацийы иуæй-иу уæнгтæ Евронесты Ассамблейы сарæзтой ахæм хъусынгæнинæгтæ, кæцытæ разæнгард кодтой нæ бæстæйы æхсæнадон змæстытæм, радикализацимæ æмæ тыхмидзинадмæ. Уымæй дарддæр ма Гуырдзыстоны фæдыл Европарламенты æмæ Евронесты ассамблейы резолюцитæ æмæ хыгъдлæвæрдтæ дарддæр кæнынц гуырдзиаг адæмы демократонæй æвдыст фæндон ницæмæ дарын.
Афтæ дæр нæ тынг тыхсын кæны европарламентаритæ пленарон рабадтмæ «æмбæстагон æхсæнады» номæй æрбахонын ахæм адæймæгты, кæцытæ хайад истой кæнæ йæ фарс рахæцыдысты æвзæрстыты æнæрайсгæйæн, легитимон демокративон институтты фехалынæн æмæ фæстаг рæстæджы Гуырдзыстоны хицауады ныппырх кæныны архайдтытæн. Ахæм архайдтытæй æмæ уыимæ баст тыхмидзинадæй йæхи бæлвырдæй дард дарыны бæсты, Ассамблейы ныры ахаст эффективонæй легитимон кæны, йæ боны фæтк демократон принциптимæ æнæбаст кæмæн у, ахæм архайæгты. Ахæм адæймæгтæн платформæ дæтгæйæ, EURONEST нормализаци кæны æмæ æнцондæр кæны антидемократон уагахастытæ æмæ раст кæны тыхми æмæ радикалон политикон инициативæтæ. Уый бынтондæр ныхмæлæууæг у демократийы, закъоны уæлдæрдзинады, диалогы æмæ сабырады сæйраг аргъдзинæдтимæ, кæцытæ ацы институт хæсджын у хъахъхъæнын.
Уый, цæмæй фылдæр партнер бæстæтæ ЕВРОНЕСТ-ы парламентон ассамблейы пленарон рабадтыл хайад нæ исынц, хъуамæ уа серьозон сигнал, цæмæй Европарламенты ныртæккæйы ахаст у рæдыд. Европарламент хъуамæ ахъуыды кæна, йæ ныртæккæйы архæйдтытæ сты регионалон æмкуыстдзинад фæтыхджындæр кæнын æви партнерон хидты пырх кæнын. Йæ æгæр политизацигонд ахаст хъыгдары куыд Ассамблейы йæхи æууæнкдзинад, афтæ Евроцæдис æмæ йæ баст бæстæты æхсæн партнердзинад дæр. Уæлдæр ранымадгонд алцыппæт хынцгæйæ, Гуырдзыстоны парламентон делегаци Евронесты парламентон ассамблейы 12-æм пленарон рабадты хайадистæй йæхи баурæдта, кæцы ныртæккæ цæуы Ереваны. Сидæм Евронесты парламентон ассамблеймæ, ахъуыды кæна уæлдæр банысангонд легитимон фарстатыл æмæ æрыздæха йæ бындурæвæрæг принциптæн кад кæнынмæ. Æрмæстдæр уый банымайгæйæ, Ассамблейæн йæ бон уыдзæн йæ æцæг мисси сæххæст кæнын æмæ скæсæйнаг партнерадæн æмæ йæ хайадисæг бæстæтæн æууæнкджын платформæ суæвын» -ис фыст Махашвили Леваны фыстæджы.