Мака Бочъоришвили телефонæй ныхас кодта Азербайджаны æдтаг хъуыдтæгты министр Джейхун Байрамовимæ
Гуырдзыстоны æдтаг хъуыдтæгты министр Мака Бочъоришвили телефонæй ныхас кодта Азербайджаны республикæйы æдтаг хъуыдтæгты министр Джейхун Байрамовимæ. Уый фæдыл Гуырдзыстоны æдтаг хъуыдтæгты министрад фехъусын кодта.
Минитсрады информацимæ гæсгæ, Мака Бочъоришвили стыр тыхстдзинад расидтис Азербайджаны Республикæйы Нахичеваны автономон республикæйы дроны бабырсты фæдыл, кæцыйы фæстиуæгæн цалдæр æмбæстаг фæцæф ис.
«Министр банысан кодта регионы сабырад æмæ стабилондзинад бахъахъхъæныны ахсджиагдзинад.
Министртæ ноджы иу хатт сбæлвырд кодтой Гуырдзыстон æмæ Азербайджаны æхсæн стратегион æмæ хæларадон ахастыты фидардзинад» -ис фыст министрады фидиуæны.