Мака Бочъоришвили – нæ тæрсæм фарстытæ раттынæй, фæрсæм, цавæр нысанæн лæггад кæны Гуырдзыстоны паддзахад æмæ æхсæнадыл æлхъывдад, цы бастдзинад ис уымæн Уæрæсейы ныхмæ тохимæ
Мака Бочъоришвили – нæ тæрсæм фарстытæ раттынæй, фæрсæм, цавæр нысанæн лæггад кæны Гуырдзыстоны паддзахад æмæ æхсæнадыл æлхъывдад, цы бастдзинад ис уымæн Уæрæсейы ныхмæ тохимæ

Нæ тæрсæм фарстатæ дæттынæй. Фæрсæм, цавæр нысанæн лæггад кæны Гуырдзыстоны паддзахад æмæ æхсæнадыл æндæвдад, цы бастдзинад ис уымæн Уæрæсейы ныхмæ тохимæ – уый фæдыл Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыдтæгты министр Мака Бочъоришвили журналисттæн Гуырдзыстоны Стыр Британийы минæвар Гарет Уордимæ фембæлды фæстæ æдтаг хъуыдтæгты министрады.

Уымæй уæлдай ма, Бочъоришвилийы бафарстой, цавæр у Британийы хицауады уынаффæ санкцитæ «Имеди» æмæ «Post tv»-ы тыххæй, уымæн æмæ, Британийы «Трансперенси Интернешнл»-ы информацийæ, «Уæрæсе пайда кæны Британийы территоритæй санкцитæ ахизыны тыххæй, æмæ æппынкъаддæр 8 миллиард доллары аргъ бадзырдтæ арæзт æрцыдысты».

Мака Бочъоришвилийы ныхасмæ гæсгæ, уæлдæр снысангонд фарстайы фæдыл Гарет Уордимæ фембæлды рæстæджы дæр баххæсыд.

«Ай дæр бафарстам, уый раст у.Ацы фарстайыл 40 минуты дæргъы бавнæлдтам.Парахат цæуы информаци, кæцы бæлвырд кæны, цас æххæст кæнынц Стыр Британийы регистрацигонд базарадон компанитæ Уæрæсеимæ.Ис ахæм æрмæджытæ, кæцытæ æвдыст цæуынц æрмæст гуырдзиаг æмæ æппæтдунеон медийы нæ, фæлæ ма сты бындурæвæрд æппæтдунеон иртастытыл дæр.Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы фоныл Гуырдзыстоны æхсæнадмæ æвæры æндæвдад, цæмæй мах ма æххуыс кæной. раттут ацы фарстытæ æмæ мах æвæрæм фарст, цавæр нысанæн лæггад кæны æндæвдад Гуырдзыстоны паддзахадыл, Гуырдзыстоны æхсæнадыл, цы бастдзинад ис уымæн Уæрæсейы ныхмæ тохмæ иумæйагæй, уымæн æмæ нын дзурынц, цæмæй Уæрæсеимæ тох кæнынц æз никæимæ сразы уон, цæмæй Гуырдзыстонимæ ахæм методтæй спайда кæнгæйæ, Уæрæсейы фæлæмæгъдæр кæныныл исты æндæвдад æвзæрын кæнынц», -расидтис Мака Бочъоришвили.