Мака Бочъоришвили – Мюнхены ныхас кодтон ОБСЕ-йы парламентон ассамблейы президентимæ, кæцы æввахс рæстæджы Гуырдзыстонмæ визит план кæны, фембæлдзынæн ОБСЕ-йы генералон нымæрдаримæ дæр
Мюнхены, æдасдзинады конференцийы фæлгæтты мын фадат уыд ОБСЕ-йы парламентон ассамблейы президентимæ аныхас кæнын, кæцы тагъд рæстæджы Гуырдзыстонмæ визит план кæны – расидтис Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министр Мака Бочъоришвили.
Бочъоришвили куыд банысан кодта афтæмæй, конференцийы фæлгæтты коллегæтимæ æмæ дунеон организациты бæрнонтимæ фембæлдтытæ адарддæр кæндзæн.
Æдасдзинады конференцийы фæлгæтты, астæугкаг къæлидоры фарстатыл уагъд æрцыд дискусси, кæцыйы, æз, Азербайджаны фæсарæн хъуыдтæгты министримæ иумæ хайад истон. Иттæг нысаниуæгджын платформæ у астæугкаг къæлидоры рæзынады фæдыл æмæ Гуырдзыстоны ролы фæдыл европæйаг æдасдзинады фарстыты контексты, цавæр хайбавæрд хæссы астæугкаг къæлидоры размæцыдæн европон æдасдзинады хъахъæды æрдыгæй.
Фембæлдтытæ адарддæр уыдзысты куыд мæ коллегæтимæ, афтæ дунеон организациты бæрнонтимæ дæр. Фадат мын уыдзæн ОБСЕ-йы генералон нымæрдаримæ фембæлынæн дæр. Ацы форматæй пайдагонд цæуы максималон æмвæзадыл, цæмæй мæ коллегæтимæ Гуырдзыстоны фæдыл уа дискусситæ» – расидтис Гуырдзыстоны æдтаг хъуыдтæгты министр.