Мака Бочъоришвили Мюнхены æдасдзинады конференцийы фæлгæтты Евроцæдисы рауæрæх кæныны фарстаты фæдыл дискуссийы хайад райста
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыдтæгты министр Мака Бочъоришвили Мюнхены æдасдзинады конференцийы фæлгæтты Евроцæдисы рауæрæх кæныны фарстаты фæдыл дискусийы хайад иста.
Фембæлд тымбыл фынгы форматы сырæзт, кæцыйыл Еврокомиссар Марта Кос æмæ Евроцæдисы кандидат бæстæты фæсарæн хъуыдтæгты министртæ истой хайад.
Фембæлдыл ныхас цыд Евроцæдисы рауæрæх кæныны цæугæ процессыл, уæвæг æртхъирæнтæ æмæ фидæны къахдзæфтыл.