Мака Бочъоришвили – Марко Рубио банысан кодта, цæмæй паддзахадон департаменты Гуырдзыстоны фæдыл  уыд дискусси æмæ плангонд цæуынц къахдзæфтæ, цæмæй каст  æрцæуой  уыцы бынтæ, кæцытæ ныридæгæн ис 
Мака Бочъоришвили – Марко Рубио банысан кодта, цæмæй паддзахадон департаменты Гуырдзыстоны фæдыл  уыд дискусси æмæ плангонд цæуынц къахдзæфтæ, цæмæй каст  æрцæуой  уыцы бынтæ, кæцытæ ныридæгæн ис 

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыдтæгты министр Мака Бочъоришвили «Имеди ТВ»-йæн интервьюйы Гуырдзыстон-АИШ-ы æмахастыты, æппæтдунеон партнертимæ æмкуыстдзинады динамикæйы æмæ уæвæг æртхъирæнты фæдыл фæныхас кодта. Министры ныхасмæ гæсгæ, Гуырдызстоны фæдыл ныридæгæн уагъд æрцыдысты дискусситæ Вашингтоны æмæ дыууæфарсон æмахастыты фæдыл конкретон къахдзæфтæ плангонд цæуынц.

«Марко Рубио банысан кодта, цæмæй Гуырдызстоны ныридæгæн уыд ныхас паддзахадон департаменты æмæ бæрæг къахдзæфтæ плангонд цæуынц, цæмæй АИШ-ы ног администрацийы Гуырдзыстон-АИШ-ы ахастыты уæвæг уавæр æмæ бынтæ æркæсой» – райхъусын кодта Мака Бочъоришвили.

Министры ныхасмæ гæсгæ, фæстаг рæстæджы Гуырдзыстоны ныхмæ нысанмæздæхт кампанитæ бæрæгæй бандæвтой бæстæйы æхсæнадæмон позиционирдзинадыл, кæцы æвдыст æрцыд партнер бæстæтимæ ахастыты динамикæйыл дæр.

«Нæй гæнæн афтæ æнæзонд уæм, цæмæй хъуыды кæнæм, æмæ Гуырдзыстоны дискредитацийы тыхархайд уыд дзæгъæлы. Кæй зæгъын æй хъæуы, уымæн уыд бæрæг фæстиуджытæ. Мах уынæм нæ партнертимæ ахастыты уазал кæныны процесс, кæцы растдæр ацы тыхты тыхархайдтыты фæстиуæг у. Сæрмагонд тыхархайд бахардз ис европæйаг партнертимæ, цæмæй Гуырдзыстон аиуварс уа Европæйы æмæ Америкæйы” – расидтис министр.

Гуырдзыстон æмæ АИШ-ы æхсæн æмахастыты перспективæтыл ныхас кæнгæйæ, Мака Бочъоришвили бахахх кодта диалогы æмæ кæрæдзийы æрбангом кæныны нысаниуæгдзинад. Министры ныхасмæ гæсгæ, Гуырдзыстон æмахастыты сног кæныны цæттæдзинад бирæ хатт банысан кодта.